Тысячи
литературных
произведений на59языках
народов РФ

Ряженые

Автор:
Энвер Хохоев
Перевод:
Иван Волков

Басилтœ

 

Зœронд Нœуœг анз… Æнцойнœ дзиллœ ибœл цийнœ нивœндгœй, бœркад-бœрœкет œмидолœй исœмбœлдœнцœ. Мœнбœл ба аци бœрœгбон нури хуызœн œнкъард зœрдœй некœд ма раевгъудœй. Дессагœн, цума цœмœн уотœ рауадœй гъуддаг?!.

Нœ къœсœр œнсури мœйи œртиндœсœймаг бони изœрœй зуст œрбахуастœкиндœ ‘й…

— Ма-ра-уœ-дзœ, биц-цеу, ци фœ-дтœ?! Æнгъœлдœн œма нœмœ дзурдœуй. Йа, цитгин Хуцау, хуарз хабар œй фœккœнœ! — резгœ гъœлœсиуагœй исдзурдта нœ седзœргœс мадœ Зуртий.

Уайсахат гъœунгœй œрбахезœн устур œфсœйнаг колдуармœ ратагъд кодтон. Къœйнаг, салд фœтœнреу зœнхœбœл мœ хœлаф ампъезти къœр-къœр œндœнуар — гъеунгœмœ куддœр фегъустœй, уотœ ба берœтœнон фœндури цъœхснаг œма зундгонд «Басилти зар» изолтœбœл се ‘цœгœй райгъустœнцœ:

— Уœ, басилтœ, басилтœ,
Хуарз басилтœ, гъей!
Уœй, нœ ности лœхъуœн фœууа,
Уœдта ма йœй кизгœ ‘ргъœуа…
Дœнкк, кœми ‘й уœ топп œд хъатара?
Уœй, уœ хецау ба саг рамара.
Гъœйт-уйт, нœ лимœн, фœууœмœ цœуœн:
Кард — сœ хуасœ фур кенœ уœ цœуœн.
Кœд уœ фœндуй, нœ уœмœ цœуœн…

Басилгорти игъœлдзœг хъœлœбамœ нœ бийнонтœ œгасœйдœр фœтœн тургъœмœ цœмœдес гурф ракодтонцœ. Æнœзонгœ, хуœддзо иуазгутœ мœ разœй нœ итигъд, бœрзондтугур уœрдундони искусийнœ ‘нцœ. Æхсœзанздзуд сау къœбœлдзуг дзиккогин гиккœ, — Рохсанœ, уони аллихузон хъœбœр гœгъœдитœ œма гъолон хœцъилттœй œмбœрзт мастъуз кœрциœт œма œндœрхузон уœледарœсти ку рауидта, уœд œ фур адœргœй гъœрœ никкудтœй. Æ тункъурростœгин цœсгом ниффœлорс œй… Хœдзари, нарœг медœггойни фœммедœг уогœй, œ уарзон нанамœ нигъгъœр кодта:

— На-на, уа, на-на! Гъœ-ла мам-ма-тœ нœ-мœ œл-ба-цœ-ун-цœ. Уа-уу, уа-уу! Ма сœ œл-ба-уа-дзœ, тœл-сгœ си кœ-нун…

Тухстхуз Зуртий œнагъом кизги цурд-цурдœй œхемœ исиста ‘ма ‘й œ гъар хъури буни — даргъ, бœзгин, œздухститœ хаутœгин сасуги агъазиау къœбœзтœй бамбарзта…

— Гиккœ, мœ дзœццœ ракœнай! Дœ нана дин дœ рунтœ рахуœра! Атœ додотœ œнцœ. Нœ синхаг кизгуттœ œмœ биццеути нœбал зонис?

Сивœллони кудт ку нœбал сабур кодта, уœдта и басилгортœй еу œхе раргом кодта. œ ирœзгœ цœсгом ци бœзгин маскъœй œмбœрзт адтœй, уой œваст рандœ кодта. Е ба разиндтœй, нœбакомкоммœ цœрœг, Æдзœстуарзти Зудакай имонау биццеу Дзœрдœг. Нœ мадœ сœхуœрзфунх боргомау басилтœ, «фуркъатœ», дедатœ, агъазиау тумбул гинкъостœ œма хъоппœгъцœститœ финкœйдзаг сœрсœргœнгœ бœгœни, уœдта ингин цихтгун къеретœй дзœбœх баиуазœг кодта. Уони уœлœмхасœн ба син саугон раздарœни фœтœн дзиппœй œртœ тумани дœр равардта.

Хуœрзрœвдуд басилгортœ нœуœгœй бабœй œмгъœлœсœй ниццœйзардтонцœ фœндури рœуœг цагъдмœ гœсгœ:

Уœ, басилтœ, басилтœ, басилтœ,
Нœуœг анз хœссуй нœуœг цийнœ.
Гъœйт-уйт! Уœ, басилтœ, хуарз басилтœ,
Хуœрззœруœ фœууа уœ œфсийнœ!

Уо, зœрдœбозœй фендœкъœсœрœнцœ œригон басилгортœ. Æрмœстдœр мœнœн ба еци игъœлдзœг нивтœмœ гœсгœ мœ алциœстœфагœ кœддœри фидœй седзœри œфхуœрд зœрдœбœл œрлœудтœй, мœ кœнгœ œнсувœр Бœгъœнзœнги Зœгъдийы цийной, уœззау зунди хецау каййес. Мœгурœг, ейœ Басил бœргœ хундтœй… Æвœдзи, ескетœ мœ бафœрссœнœй: «Мœгурœг си цœмœ гœсгœ зœгъис? Уœдта йи архайд евгъуд афонии цœмœн цœуй? Нуртœкки ба ба ци косœг œй? Æви е дœр…»

Фиццаги-фиццагидœр син дзуаппи хузи зœгъдзœнœн, ци? Цœстуарзонти Басил œ уœлœбœл царди уœд цинœхузи фидбилизтœ œма œнœнгъœлœги рист зиндзийнœдтœ нœ фœууидта?! Нœ Дуйней Фарнœн уорс галтœ ку нивгарстœ ‘й! œрмœстдœр еунœг гъуддаг ба нури уœнгœ нœма лœдœрун: е айдагъдœр зœнхон адœмœй еутœ-еутœ œ разœй циуавœр œнœлœдœргœ фœткœмœ гœсгœ искœнуй?! Бœдоли, бœдоли тœхсагœ дœргъвœтийнœ риститœ… Ке зœгъун œй гъœуй, еугур мœстœйдзаг бацœй… Адœймаги зœрдœ цанœбœрœг фидихъуœл œй? Уо, фалœ уœддœр, куд тухаст федар ба разиннуй, куд? Ци берœ стур тœмœстœн ниууодœнсуй? Ци берœ œнахури риститœн ниббœлсуй? Хайуани цар œ уœззау уœргъти буни куд ниггœрзœ уй, уоййау е дœр…

Басил ном дœр ибœл зœронд Нœуœг анзи — Басилти цитгин бœрœг изœри аци œнœраст дуйнемœ ке рантœстœй, уомœ гœсгœ исœвардтонцœ. Уогœ, адœймагœн œ номœвœрд œ цардамондмœ ци барœдарœг œй? Бадируагœс уœд, мœ хœнцъойлаг, œгириддœр — неци!

Нивтœбайуарœгœн, œдта, цитœ загъдœуа? — уœхœн тузмœг, гузавœ фарст ахид-еу фегъосинœ мœ уœззау зунди хецау œна Дзумœтийœй. Æнœрцœф биццеу уогœй, еци цубур хумœтœг дзурди œздех цœй фœдбœл адтœй, ци œнœзонгœ нисанмœ œхст цœуидœ, уой œппундœр нœ лœдœрдтœн. Нур ба? Куд хœстœргœнгœ цœун, уотœ мœмœ сабургай œгœрдœр ма гъарун райдœдта.

Рандœнцœ сœ изолдœри балций игъœлдзœг œвзонг басилгортœ. Сœ ивулд цийнœ œма нœрœмон фœндури тъœлланг цœгъддœлтœ баеу уогœй, изœйрон талинги сабуйрадœ œнœвгъауœй ихалдтонцœ. Сœ ивулд игъœлдзœгдзийнадœбœл ба ма син кедœр къех тургъити œхсœйвон къœсœргœс куйтœ дœр се знœт рœйдт œфтауœги œфтудтонцœ.

Фœсуарунти ивулд донау — сабийы базургин цийнœ. Зœронд Нœуœг анз бабœй нœмœ œвœрсгœй œ уорс «бœхбœл» œ афони œрхъœрттœй… Гъулœггагœн, œз ба мœхе медœгœ, ке некœд уой, œрœнкъард дœн. Нœ еуетœн — гулф цийнœ, нœ иннетœн ба зœрдитœигœрдœн имисуйнœгтœ.

Батар œй еума базон-базон афœй дœр. Нœ уœлион цубур œмгъуд царди фœлхœнœй бабœй еума къаппил дœр расхъиудтœй. Фур хевастœй цубурœй-цубурдœр, идуйгœ цœуй нœ Цард. Уœдта…

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Сагале - оригинал

 

 

Сагæле

 

Къамати синхи æнæрцæф сувæллæнттæ изæрæй бабæй æрбамбурдæнцæ Зæгъæгати Абисалети цормæ. Æма е дзæгъæли хумæтæги нæй. Уонæй даргъдæр къела аци рæбунти неке хæдзари размæ сагъд ес. Исцæйбадунцæ уоми, фæстæмæрауадзгæ толдзæ фæйнæгæй дæргъæй-дæргъæмæ къелабæл, раст цума фæззæги райдайæни сагелæкъæдзелæ зæрбатгутæ цалдæр фæлтæремæй электрон рохси даргъгомау телтæбæл, изол Хонсари бæститæмæ рагоцц кæнуни хуæдразмæ унаффæ фæккæнунцæ, уотæ, бонигон ба ибæл æрхунивулд, зæрдæсæттæн бонасадæн, фулдæр хæтт сафæ еунæгæй, фæккæнуй Къæдзæлати Сагæле. Еу-дæс æма инсæй анзей размæ æ лæги карæмæ бæргæ баампъез кодта. Æ кæддæриккон дæргъæлвæстæ гурæ, саздахъи итинг къæлæтау, фæззæнхæлвасæ ’й. Æ даргъгомау дзугъуртæ цæсгомбæл рæстæг фур хевастæй æнæлæдæрд, æнæрартасгæ къæдзæ-мæдзæ хæнхитæ фæккодта, никъæт ауæдзтау. Æ гъунтьуз, бæзгин къæлос æрфгутæбæл цума фæззигон дирзæг халасæ рабадтæй, уотæ, фæрсæй кæсгæй, бæгъет зиннуй. Æрмæстдæр æ хæрдмæ æсхъæл, æздухст бецъотæ ба нимморагон æнцæ. Æма куд нæ уонцæ? Сæумæцъæхæй ба сауæнгæ изæйрон тар талингити уæнгæ æ устур сау лоли тамакуй листæг лæхурд моритæй цалдæр нади æ резагæ, мæллæг къохтæй ниццæйкæнуй. Идардæй бакæсгæй, уотæ фæззиннуй, цума зуймон тухсунгæнагæ, фуд цъемости пеци æнæрлæугæ, фæллад тохонайау, къæлосгурæ хъуæцæ, зæронд уоси бæндзугæмхуз, æ фалæмбуламæ дзæндæлуадзæ фæккæнуй. Æскъортæй «туппур» лолæ ку раревæд уй, уæдта æ хæццæ, лæдæрагæ адæймагау, дзорунтæбæл исхуæцуй. Нур дæр бабæй уотæмæ æртухстæй æ гъуддаг. Листæг, боргон, фæлмæн тели æскъуддзагæй лолæ никкæдзос кодта. Æ хурфæмæ ин уæлдзæнгомау хæр-хæр футтитæ-дундтитæ цалдæр хатти никкодта æма ’й кæрæй-кæронмæ е ’стур, гъолæнттæ финдзсæрфæн къохмæрзæнæй арæхсгайти æрдуддитæ кодта.

— Уæ, Дуйней æнæрахатгæ Фарнæ, дæумæ бабæй æй мæ зæрди гъæр дзурд. Зæгъай, зæгъæ, нæ уæлæбæл зæнхон цард — содзийнæ цубур хали хæццæ цæмæн æй? Уæдта аци лоли бæрцæ дæр ку фæццардайдæ… Уохх, Бадзай, мæ æнхуæцфарс Бадзай! Ехх, мæ незæфхуæрд зæрди æставддæр уедагæ, мæ агъаззагдæр бæдолæ! Мæ зæруайи тухст бонти ми кумæ фæллигъдтæ, кумæ?! Уотæ æнæхъаурæ ку н’ адтæй дæ лæхъуæнидогон рахаст? Дæуæй мæхецæн устур нифситæ ку ивардтон æма мин метин мæсуг ку разиндтæ? Уотæ иливд разиндзæнæ, уой ба ку некæд æнгъæл адтæн! Циуавæри æбæрæг бæстихайи дæ агурдæуа нур? Некæд ми æруагæс кодта, ескæд мæ мæ бæдæлтти, кæстæрти æнхус багъæудзæнæй, е. Бæласæ уедæгтæй куд зæронд кæна, æ фæсте ба берæ талатæ куд изайонцæ, уотæ бæргæ, цит, корæгау ахид ковинæ, фал… Уо, ма-гъа, æнхусбæл дæр сугъди цъæх цирен исгъазæд! Æррæстæдæр ма мæ къæсхурцæсгом — исонбони нифс ке худтон, ке æнгъæлинæ, е еу цубур усмæ, цæсти еу æрфæлкъуæрди бæрцæ дæр ку фестидæ мæ цормæ! Гъе кенæдта, кæци уæлмæрдти нигæд æй — Фидибæсти Устур тугъди салдæттæй еу, уой хабархæссæг мæмæ еске ку фæууидæ! Кæд ескæми æнæбæрæгæй æ цирт дзæгъæлæй лæууй бæзгин хъамилти евгед? Кæд имæ æрмæстдæр ма сау халæнттæ, хъæрццигъатæ хъуахъ-хъуахъгæнгæ æстæнæйæстæнмæ æрцæйтæхунцæ? Фуднæдтæбæл — цæхбуройнæ… Æдта ци зин æй, ци зин, дони тæхи нихмæ накæ кæнун, бустæгидæр ба, дæ царди «хорнигулæн» ку æрхæстæг уа, уæд! — Уотæ кæундзæг, гузавæ гъæлæсæй тухстдзорæ кодта зæронд Сагæле. Æ сатæг, æставд, гъæрмуод æрхæнзæрди бæрæггæнæнтæ — цæстисугтæ æвæрсгæй æ рохсаггаг царди æмбал Сурæти худ цъæх цохъабæл урдугмæ хулуй нæдтæ кодтонцæ. Уæлæбæл, айдагъдæр ма сæ лæвæрттæ байзадæнцæ тухст царди имисунæн рацæргæ Сагæлемæ. Ци дин Бадзайи лолæ, ци ба — Сурæти фæстаг худ цохъа æд бæрцитæ, æд нарæг сау цæрмин ронæ æма сугъдæг æвзестæй хъæма.

Зæрийнæ хор арви сæнттадæгæнæн цъæхи æхецæн надигæрдгæ, тæккæ бæрæг астæумæ бабæй исхъæрттæй. Зæронд лæги, цума уарзон адæймаг æ фæлмæн хъури буни ниттухта, уотæ æ тæнæгтог, хиризæстæг иуæнгтæмæ хори гъайрадæ æнцонтæй багъардта.

— Фарнæ уæ нихæси, баба Сагæле! — исдзурдтонцæ æмгъæлæсæй синхи скъоладзаутæ, ахури фæсте сæ хæдзæрттæмæ æздæхгæй.

— Уæ, бабайæн зундгин лæгтæ исуайтæ, устур лæгтæ! Асæй — нæ, фал — зунди хъаурæй!

Еу минкъий рæстæги фæсте ахурдзаутæ фæййаууон æнцæ дæллаг синхи бекъæрдæмæ фæззелгæй.

— Дзæбæх ку уайсæ, Сагæле? — рафарста рацæргæ нæлгоймаги кардзуд ниллæгутæарæзт уосæ Дасга.

— Бæргæ ку уайнæ! Дæ загъд — фунæййæй дон ниуазæгау… Дæуæн ба мæ бæсти дуйней дарæг цитгин еунæг Хуцау æ берæ дзæбæхдзийнæдтæй бахай кæнæд, ностæ! Дæ рæсугъд æзинæй зæрдирай уо!

— Куд æй де ’нæнездзийнадæ ба?

— Раст зæгъгæй, аци гъар рæстæги бабæй мæ хъануатæй «рахилдтæн». Адæймаг ку æрзæронд уа, никки ба ма ку æрсæйгитæ уа, уæд æ хуæздæрфæззелæн, фæстаг фæххуæцæн исуй айдагъдæр ма æ адзалмæ æнгъæлмæ кæсун. Е куд раздæр раста, уотæ, æвæдзи, хуæздæр уодзæнæй?! Дæ балгъетæг ескæмæнти лигъстаг исуа. Хуастæ дæр мин нецибал уоййасæ агъаз кæнунцæ. Дуйней «кинтæ-минтæ» æма æнæхаири «табæреткитæ» ке хонунцæ (ме ’взаг сæбæл хæзна дæр нæ хæтуй), уæхæнттæ дæр бæргæ ниуазун, фал некуд æма неци… Хуæздæрæнгъæл — бонвуддæр.

— Уо, бустæгидæр дæ уæгæ ку бамардæй, Сагæле. Дæ нифс исусун ма бауадзæ. Хъæртдзинан мæлунмæ дæр, æ кезу ку ралæууа, уæд. Дууæ адзали некæмæн фæууй, уæдта си ледзгæ дæр некумæ ракæндзæнæ! Æппунфæстаг ба имæ кумæ хæлæф кæнæн? Еци гъуддагмæ цурд кæнун нæ гъæуй! Ма тæрсæ, æносмæ цæргæй неке байзайдзæнæй. Ескæд фегъустай ескæмæй тауæрæхъи дæр: дордоцæнтæ æма мистæлвинæнтæмæ фæццардæй? Уогæ, ци адтæй, уой фæууидтан; ци ’рцæуа, уой дæр бабæй фæууиндзинан.

— Уотæ ’й, уотæ. Дессаг мæмæ неци кæсуй, фал уоди хъаурæ уæртæ Хусфæрæки дон сæрди тæвдæ ’зменси куд рацидæр уй, уойау куд батар æй, æбæрæги исусæги исусуй. Уæд нин ци рæзбун ба адтæй, ци! Нур ба имæ ма фæззийнадæ кæнæ æма уæртæ бакæсай. Кизги биццеу Æйтбегæн бæргæ æрæхсæдун кодтон, фал етæ дæр сæ таукелдзийнадæ цъундæцæстæ къиндидзийнадæй æййевгæ цæугæ цæунцæ. Къузуртæ бæлæстæ. Æрзæронд æнцæ мæнау. Карæ æ кæнон кæнуй?! Мадта. Ка ’й зонуй, уой асæ хуарз гъудгонд дæр нæбал æййафунцæ. Къуар хатти сæбæл карз ехуарунтæ дæр æрцудæй. Иннæ æнзти хузæн нур дæр бабæй Сагæлей рæзбуни кæронккаг ниллæгдæр æма фæтæндæр фæткъу бæласæ уалдзæги гув-гув мудибиндзитæн рæстæгмæ фусундонæ иссæй. Сæрддон, дæргъеццон фæткъутæ, фæрдугбилтæ кизгуттау, расурхфазæ æнцæ. Рæзбуни тæккæ рæбун ба Сагæлей кæстæр кизгæ Разитæ æртæ татхай байтудта: еуеми си — листæг гъæдиндзæ, иннеми — рагагъом бадриджан, æртиккаги — сæрддон мæйболгæ.

Еу изæр бабæй сæрддон цъæппæртад æма цæмæдес кæсалгдзауæни фæсте сæ фæллад уагътонцæ Сагæлей къелабæл синхи фæсевæд. Биццеутæн сæ фудуагдæртæй еу — Томарбек е ’мбæлттæн балæдæрун кодта:

— Сумах, æвæдзи, сæйгæ кæнетæ… Уорс халатгин дохтуртау, уæхемæ ци арф нийгъустайтæ? Цæйтæ, æма некумæ цæуæн? Дзæгъæлбадтæн æвгъау ан…

— Кумæ ма цæуæн? Æнафонæ ’й, лæдæрис? — загъта æ фæндон иннæ цæрдæг биццеу Рæуонæ дæр.

— Фунæйкæнун афонæ ’й! — бафтудта сæ дзубандибæл Кивзу дæр.

— Цæуæнтæ, уæртæ Сагæлеети бабæй фæрсæй-фарсмæ рабæрæг кæнæн!

— Ци ма сæ бæрæг кæнис? Бонигон æй нæ фæууидтай? Дæ кæсгæ цæститæ хезуни адтæнцæ? Неци ма фæууæлдай æй, зæронд лæг куд фæууй, уотæ ’й.

— Раст цума нæ лæдæретæ, уой хузæн уæхе ци ниббудзæутæ кодтайтæ? Æз ин æ рæзбуни кой кæнун, сумах ба ци ’рдæмæ семетæ?

Тæрнатæ фиццаг нæ арази кодтонцæ. Æрæги-дурæги ба нæрæмон Томарбек æгасейдæр æрсаста. Сæ къæхти фийтæбæл скъæти рæбунти бацудæнцæ. Æваст синхонти зæронд бор куй Сулпийи фæдес-рæйд рæзбуни райгъустæй. Давгутæ сабургай кæронккаг бæласæмæ цæугæй, татхатæбæл цæхгæрæнсæндæ бацæйкодтонцæ. Сæ тæнæг хæдæнтти рæнтти æрдæгрæгъæд рæзæй зæрди фæндон æридзæгтæ кодтонцæ. Уæдмæти зæронд лæг æ дзæхæрамæ, лæдзæгбæл урдугæнцойнæ кæнгæй, рафецудта æ кизги биццеу Тутурузи хæццæ. Фусунти æрæстæфгæй, хуæддзотæ ледзæги фæцæнцæ. Сæ устурдæр: къæхтæй дæр æма гурæй дæр — Хъанцел æ къæхтæ дорти агъазйау цæндæбæл искъуæрдта æма уæсгоммæ рахаудтæй. Æ уорс хæдони ци фæткъутæ адтæй, етæ еугурæй дæр зæнхæмæ æркалдæнцæ. Къохти цъæррæмухститæй тог æндæмæ рагъардта. Биццеутæ сæ фур адæргæй зæронд курæнтти синхæрдæмæ радогъ кодтонцæ. Тæвдхæлæфæй фæткъутæй дæр, цæугæ-цæугæй, ракайдтонцæ. Æппунфæстагмæ ба сæ хæдзæрттæбæл фæххæлеутæнцæ.

Сау нимæтгин æхсæвæ уайтæккидæр æ кæнон бацæй кодта: батар æй. Бонивайæнти зæлланг кæркуасæнтæ сæ тæмæни бацудæнцæ. Уæдмæти адæм сæ фонс сæумигон æхсирæрдугъди фæсте хæлæфæскъæрд кодтонцæ фонси æргъауи рæсæнмæ. Адæми сабур лæудт æваст Разити гъæр-хилæ æнцонтæй фехалдта.

— Æдта, ци æнæдæмд, æнæбакæнæг æнцæ нæ нури фæсевæд? Дзелгъан куйтæй уæлдай дæр ку нæбал æнцæ…

— Ци адтæй? Ци уæбæл æрцудæй уанæбæрæг? Цæбæл æй дæ зинæсхъотт, хъаугъа? — уотæ хинцфæрсæ ракодта уæллаг синхаг æ кари силгоймаг Хамбат.

— Ци уйнаг ма ’й? Æдосæ нин нæ замманай татхатæ, цума догъон бæхтæ фенайæ кодтонцæ, уотæ нимпурстæкиндæ ’й. Рагагъоммæ фæткъумæ бабæй æрбагъузтæнцæ… Сæ «рæзахуадæнти» багъæуæнтæ. Бæласи дууæ агъазйау къадойей дæр бунмæ æрсастонцæ. Нæ устур гъæубæстæ къæрнæхæй байдзагæй. Нæуæгæй бабæй абæректи догæ ма ралæууа?!. Етæ пæртфий цъидигътæ кæми адтайуонцæ? Баруагæс ди уæд, мæнæ си мæ дууæ удзестей асæ къахфæдтæ байзадæй.

— Устуртæн дæр, ма тæрсæ, цæттæ рæзæ губуннез нæ унйау æй. Уой хуæрдæй кæд неке ма фæттæппæлæнгæ ’й? — гиризгæнгæй, дзурдгæлдзæн бакодта, æ кари ка бацудæй, уæхæн æнæдаст нæлгоймаг — Æскъæрнæг.

Сагæлейæн цурд-цурдæй рагъæститæ кодта æ кизгæ. Зæронд фидæ ба ’й сабур, резгæ, гъæлæсиуагæй æллау кæнунбæл исхуæстæй:

— Уæ, дæ рунтæ дин бахуæрон, мæ Цæстирохс! Мæ фæсте сæрæгасæй байзайонцæ, нæ деденæг фæсевæд. Æгайтидæр ма, рæзæ хуæрунгъон æнцæ! Мадта ма цæй туххæй æй? Хæлар син уæнтæ мæ къохти хъиамæттæ. Мæ мард ивæрун исонбони уонæмæ æнгъæлмæ кæсуй. Уадзæ, е ба ми еу ести хуарздзийнадæ зононцæ ирæзгæ фæлтæр. Кæд мæ мæ фæсмæрдæ уæддæр ма хуарз дзурдтæй æримисиуонцæ… — Уотæ дзоргæй, Къамати синхи зæронддæр, курухон лæгтæй еу — Сагæле æхе сабургай æрцæйуагъта æ нæуæг уатгонд фæлмæн хуссæнбæл. Æ даргъ, фудхуз цонг рахъел кæнгæй, саугомау лаккæй хурст лигъз æстъолæй æрбайста æ хъазар лолæ. Арæхстгай бабæй си тамакуй листæг кæрститæ нæмун райдæдта даргъгомау, мæллæг, бизирдцъарæ æнгулдзитæй…

 

Ряженые

 

Старый Новый год… Неугомонный народ встречает его с радостью и в полном достатке. А меня этот праздник застал, как никогда, с печальным сердцем. Почему?..

Вечером тринадцатого января в наши ворота постучали.

— Ну-ка, сынок, куда ты подевался? Не слышишь, — стучат. О, великий Боже, пусть принесут нам добрую весть! — дрожащим голосом произнесла наша мать Зуртий. А отца у нас не было.

Я тотчас поспешил к большим железным воротам, ведущим на улицу. Как только на заледеневшей, мерзлой земле послышались мои торопливые шаги, далеко разнеслась под звонкую гармошку такая родная «Песня ряженых»:

Эй, ряженые, ряженые!
Мы пряничные ряженые!
Чтобы у дочки родился сын,
Чтобы еще захотела доченьку!
А когда пойдете с ружьями в лес —
Чтобы все охотники пришли с оленями, 
Мы к вам колядовать придем!
Нож наточите на барана черного.
А не хотите — мы и не придем.

На веселый шум ряженых вся наша семья высыпала во двор. Незнакомые, непрошеные гости, опередив меня, очутились в просторном, с высокими сводами сарае. Испугавшись, громко заплакала шестилетняя девочка с черными кудрями, Рохсана, и было от чего: разноцветные ленточки, пестрые лоскутки на масках, размалеванные красками лица, вывернутые наизнанку тулупы и другие диковинные наряды… Пухлощекое лицо девочки побледнело. Забежав в узкую кладовую, она крикнула своей любимой бабушке:

— Нана, Нана! (Бабушка, бабушка!) К нам пришли какие-то сумасшедшие чудища! Не пускай их, я боюсь…

Встревоженная Зуртий быстро подняла малышку, прижала к теплой груди, прикрыла длинной, плотной бахромчатой шалью.

— Детка, свет очей моих! Да перейдут ко мне твои болезни! Это хорошие люди. Это же соседские мальчики и девочки, только переодетые. Потому что праздник!

Детский плач не утихал, и один из ряженых сорвал с лица разноцветную маску. Это оказался Дзардаг, живущий в доме напротив, избалованный сын нашего соседа Недоброжелателева. Узнала его Рохсана и сразу перестала плакать. Мать угостила всех хрустящими золотистыми булочками, баранками, огромными круглыми бубликами, пенящимся пивом и пирогами со свежим сыром. А потом из нагрудного кармана длинного темного передника достала и раздала им деньги — тридцать рублей.

Обласканные, довольные ряженые снова в один голос запели под легкую мелодию гармошки:

Эй, ряженые, ряженые,
Мы святочные ряженые!
Чтобы новые радости принес Новый Год,
Не медлите! ряженые, добрые ряженые —
Чтобы хозяйка сто лет жила!
Довольные ушли молодые калядники.

Но моему зоркому сердцу, обиженному, но и умудренному потерей отца, эти радостные картинки напоминают совсем о другом. Я вспоминаю своего названного брата, Басила Босоногова, несчастного родственника моей жены. Вы спросите, почему несчастного? И почему вспоминаешь? Где он сейчас? Или он тоже…

Что мне сказать в ответ? Какие только беды и невзгоды не испытал доброжелательный Басил при жизни! Он даже для Всемирного Благоденствия белых быков приносил в жертву! Одного лишь я до сих пор не могу понять: по какому неразгаданному замыслу Всевышний создает некоторых земных людей? Неотпускающая боль терзала его сердце из-за потери сына и внука. Сердце человеческое ведь такой небольшой кусочек мяса, всего лишь с кулак. Но каким крепким оно оказывается, сильным! Сколько испытаний может выдержать! Как много оно выносит неимоверной боли! Как дубеет шкура осла под тяжелым грузом, так и сердце…

И Басилом его нарекли, когда он явился в наш несправедливый мир под Старый Новый Год в вечер ряженых. Впрочем, как может имя человека влиять на его жизнь или счастье? Поверьте мне, никак!

— Что сказать Тому, Кто распределяет судьбы? — так грустно и задумчиво спрашивала кого-то моя мудрая бабушка Дзумати.

Я тогда совсем не понимал, какой смысл она вкладывала в эти слова, что таилось в этой фразе, ведь я был еще слишком юным и несмышленым мальчиком. А сейчас? Чем старше я становлюсь, тем больше до меня доходит смысл этого вопроса.

Ушли в свою дальнюю дорогу веселые калядники. Их беспечная радость и веселая мелодия гармошки, соединившись, бурно нарушали тишину вечерних сумерек. К этому шуму присоединяли свой лай собаки — ночные сторожа оцепеневших домов.

Детская радость крылата, она подобна разлившейся после дождя воде. Снова явился к нам без спроса на своем белом коне Старый Новый Год… А я, как никогда, опечалился. Для одних праздник — бескрайняя радость, а для других — душераздирающие воспоминания. Ушел еще один загадочный год… Еще одно звено нашей земной жизни отскочило безвозвратно. Все меньше и меньше нам остается. А потом…

Рейтинг@Mail.ru