Тысячи
литературных
произведений на59языках
народов РФ

Врачу слёзы не к лицу

Автор:
Касполат Черчесов
Перевод:
Асланбек Бритаев

 Ёмбалы сёраппонд

 Радзырд

 

Амбулаторийы дуаргёрон лёууыд, иу-дёс ёмё ссёдз азы кёуыл цыдаид, ахём лёппулёг ёмё урсхалатджын чызгён дзырдта:

- Илитё, уёдё, зёгъыс, нал аивдзынё дё фёнд?.. Ахъуыды кён… Хасан нал раздёхдзён. Ды та нырма ёрыгон дё…

Илитё исдуг фёсагъёссаг, стёй загъта:

- Бахатыр кён… Ёз нал аивдзынён мё фёнд. Ёрдз лёгён дыууё зёрдёйы нё саккаг кодта…

Лёппулёг арф ныулёфыд, иу ныхас дёр нал схауд йё дзыхёй. «Жигули»-йы абадт, дуар бахгёдта ёмё цёхгёрмё уынджы фёаууон.

Илитё йё кусён уатмё бацыд. Ёрёнкъард. Кёсы, стъолыл авджы бын цы лёппуйы къам уыд, уымё. Худтысты йём дзы Хасаны цардбёллон цёстытё. Цыма йын афтё зёгъынмё хъавыд:

- Илитё! Ма тыхсын кён дёхи. Дохтырён хъуамё фидар зёрдё уа, быхсон.  

Ёрбауынгёг йё зёрдё. Ризгё къухтёй амбёрзта къам ёмё хёкъуырццёй ныккуыдта.  

Илитёйы медицинон институты фёстё хъёумё дохтырёй куы ёрвыстой, уёд кёйдёртау нё бахъынцым кодта. Къамисы уёнгтён цыбырёй загъта, разы дён, зёгъгё.  

Фыццаг бонтёй фёстёмё йёхи адёмён уарзын кодта: суанг – иу ёнафонтём дёр бафёстиат йё куысты. Уёвгё, дохтырён та барст сахёттём гёсгё кёд уыдис йё куыст?.

Иу изёр Илитёйы бахъуыд чысыл раздёр ацёуын: уыд йё гуырён бон.  Тындзгёйё уад сёхимё. Уым ём дзаг фынджы уёлхъус ёнхъёлмё кастысты йе 'мбёлттё, хёстёджытё, сыхёгтё. Фёлё хёдзары дуарёй нёма бахызт, афтё йё хъустыл ауад сылгоймаджы тарст ныхас:

- Ёз дё мад, дё фыды уазёг, мё иунёг хъёбул сёфы!...

Мидёмё дёр нал бацыд, афтёмёй усимё фёраст. Фёндагыл ын ныфсытё ёвёрдта:

- Тыхсгё ма кён, ныртёккё йын исты хос кёндзыстём…   

Сынтёджы уёлгоммё хуыссыди хёрзёрыгон лёппу, хъёрзыд.  Хъёццулы уёлё йё фёлурс къухтё ёнёбон ёппёрст. Йё бёрзонд ныхёй хиды фёрдгуытё ёрттывтой… Хус, скъуыдтё былты 'хсёнёй хъуыст йё фёсус хъёлёс:

- Ёна! Дон!...Дон!.. Судзын!...

Илитё рынчынён йё тёвд сбарста, байхъуыста йём. Ёвёстиатёй йын цалдёр уколы скодта. Рафыста йын хостё. Суанг кёркуасёнтём фёцис йё уёлхъус. Лёппуйы уавёр куы фёхуыздёр, уёд мадён «хёрзёхсёв» зёгъта.

… Цёуы Илитё иунёгёй. Хъёу у сабыр, ёдзём. Мёй рухс кёны дунетё ёмё йё фёндаг. Стъалытё сё цёстытё фёныкъул-фёныкъул кёнынц. Чызджы хъуыдытё сты лёппуйыл: «Ёрыгонёй ахём ёвирхъау низы дзёмбытём бахау… Нё, исты хуызы йё фервёзын кёнын хъёуы. Фёлё- куыдёй? Ахём низы ныхмё нырма дохтыры бон куы ницы у… Афтёмёй йён цы диссаджы хъуыдыдзаст цёстытё ис. Ёвгъау… тынг ёвгъау сты уыдон бацъындён… Цымё йём афтё ёдзынёгёй та цёмён ныккаст?... Цёмёй йё бафёрсынмё хъавыд? Цы йё зёгъын фёндыд?...»

Илитё рох нё уагъта Хасаны.  Уый-иу ём фёлмён бахудт йё мидбылты, арф-иу ныуулёфыд, дзургё та-иу ницы кодта.

Куы фёхуртё кодта, къёвдатё куы фёкъаддёр сты, уёд Хасанён дзёвгар фенцондёр. Ноджы ма лёдзджыты 'нцёйтты уынгмё куы рахызт, сёууон уёлдёфёй йё риуы дзаг куы сулёфыд, уёд йё цёсгомыл цины уылёнтё апырх сты, ёмё йё мады цинён дёр кёрон нал уыди… Чи-иу ыл амбёлдис, уыдонён ёхсызгонёй дзырдта:

- Мё иунёджы мын Илитё раст мёрдтёй цыма раздёхта…  

 Хасан йё мад Госёмаимё кём цард, уым сё тёккё рёзты гуылфгёнгё згъордта Ёрёфы дон. Хасан-иу йемё гитарё ахаста ёмё-иу, доны уылёнтён хъырнгёйё, зарыд:

- Ёвёдза, цёй амондджын стут, цёй…

Денджызмё йё фёндаг кёмён у, гъей!..

Иу хатт ёй афтёмёй баййёфта Илитё. Фёхъуыста йём. Уалынмё Хасаны хуыфын ссыд. Гитарё йё къухтёй ёрхауд. Риуыл дыууё къухёй ныххёцыд ёмё йё хъёлёсыдзаг ныххуыфыд. Стёй ауыдта Илитёйы. Йё лёдзджыты ёнцёйтты роггомау фестад.

-Илитё, кёцёй фёдё?...

Ноджы ма йын цыдёртё зёгъынмё хъавыд, фёлё йё зёрдё ёнахуыр дзёхст-дзёхст скодта: амондау 'хсызгон ын фёцис  йе 'рбацыд.

Хасаны иуёй уырныдта, иннёмёй нё, Илитёимё се 'хсён ёцёгёй фёзынд цавёрдёр уёлион тых, ёмё сё бонёй-бонмё кёны хёстёгдёр, кёрёдзийён зынаргъёй-зынаргъдёр.  Уарзты тых ма уёд?.. Ёмё уёд… Гъемё, тёригъёд кодта Илитёйён, дзырдта–иу йёхицён:

- Цёмён фенамонд уа мён азарёй ахём адёмён дёр ёмё Скёнёгён дёр адджын чызг?..

 Адёймаджы бон бирё хъуыддёгтё бакёнын у, фёлё зёрдёйы фёнд аивын, уарзты тых ёрмынёг кёнын та… Зёрдёйы фёнд арвы нёрдау у. Нёй йын бауромён. Ёндон рёхыстё дёр базгъёлёнтё кёндзён.

 … Хъёуыл апырх чындзхасты хабар. Госёмайы кёртёй райхъуыст уёнгтёроггёнёг,  зёрдё цардбёллонгёнёг фёндыры цагъд.  

Раттаджы къух, дам, райсаг у. Ёмё Госёмайы дёр, цёхх, кёрдзындёттонёй базыдтой.  Уымён ём ёрёмбырд дзыллётё йё цины сахат. Хионтё, сыхбёстё, хъёубёстё сём дзаг хуынтимё цёуынц ёмё цёуынц. Суанг ёнафонтём нё банцад фёсивёды зард, фёндыры цагъд. Зёрдиаг арфётё кодтой дыууё цардёнхъёлцауён.  

Госёдайы зёрдёмё ныккасти хуры цёст. Фёхъёлдзёгдёр.  Ныхы нцъылттё райхёлдысты, цёсгом фёрухсдёр.  Йё лёппуйы цинёй, йё дохтыр чындзы уындёй ферыгондёр. Хъёлдзёг дардта Хасан дёр йёхи.

 Фёлё… Фёззыгон къёвдатё сарёх сты, ёмё та лёппу ёрсад. Фёлё йёхи уёддёр Илитё ёмё Госёмайы раз хъёлдзёгёй дардта. Сё ныхёстё, сё зёрдёхсайгё фёрстытё-иу сын хъазынырдём аздёхта.  

 Хасан ёй бамбёрста: абон йё фёстаг ёхсёв у… Илитё катайгёнгё хостё ёвзары, афтёмёй йё цёссыгтё згъорынц. Йё хъустё Хасаны ныхёстё тыхамёлттёй ахсынц:

- Ныххатыр мын кён, Илитё…  

Фёззыгон арв кёуы, адём ёнкъардёй цёуынц Госёмайы кёртмё. Илитё ёмё Госёмайы кёуынёй зёрдётё хёлынц.

Илитё нё ацыд йё цёгатмё. Госёмайён загъта:

- Амёйразмё ме 'фсин уыдтё, ныр та ма мын мад дёр уыдзынё.

… Иу изёр сё дуармё ёрлёууыди рог хёдтулгё. Йё рудзынгёй сём каст Хасаны мгар 'лёппулёг. Фёрсы сё:

- Бахатыр кёнут… фёлё Хасан ам нё цёры?

Мад ёмё чындз кёрёдзимё фёрсёгау кёсынц.  

- Фёрёдыдтён, мыййаг?.. – ногёй та афарста уазёг. Фёлё мады сау дарёсы ёмё йын йё рустыл цёссыгтё куы ауыдта, уёд фёкуыддёрау. Стёй йё къухтёй йё цёсгом амбёрзта ёмё скуыдта.  

- Хасан!.. Хасан!..  

Уазёг ёрёджиау ёрсабыр, бацамыдта йёхи. Ризгё хъёлёсёй райдыдта дзурын:

- Хасанимё иумё службё кодтам. Бирё йё уарзтам. Ноджы зынаргъдёр та мёнён сси… Мё ирвёзынгёнёг басгуыхт…Цёвиттон, нё нау иу цасдёр сакъадахы былгёрон лёууыд. Ёз уыдтён ёхсёвгёс.  Фёлё мигъы адзёгъёл дён. Ёхсёвы уазал уёнгты хызт. Мит фёлдзёгъдён хаста. Иу заман ихджын доны ныххаудтён. Мё бон раленк кёнын нал уыд. Фёлё дын мё уёлхъус февзёрди Хасан. Раласта мё сурмё, йё уёлё хъарм дзаумайё цыдёриддёр уыд, уыдоны мё стыхта. Раккой мё кодта, ёмё мё йе 'ккой цалдёр километры фёхаста. Ёрыхъал дён госпитёлы. Мёхимё куы 'рцыдтён, уёд мын загътой, Хасан дёр, дам, рынчындонмё бахауд. Йё рёуджытёй…

 Госёма ёмё Илитё цавддуртау лёууыдысты. Нырма ныр бамбёрстой, Хасан йё низы ахёсты куыдёй бахаудис, уый…

Госёма ёмё та Илитё кёрёдзимё бакастысты, мидёмё нём саккаг кён, зёгъгё, йём ёрхатыдысты. Ёмё хёдтулгёйы дуар куы байгом, уёд хорзау нал фесты: уазёгён йё къёхтё уёрджытёй дёлёмё йёхионтё нё уыдысты…

 

Рейтинг@Mail.ru